«Deep Knowledge Group»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, «Ковид-19»-æй æдасдзинады рейтингы, Гуырдзыстон, Хурыскæсæн европæ æмæ Централон Азийы регионы лидер бæстæ у
«Deep Knowledge Group»-ы хыгъдлæвæрды, «Ковид-19»-æй æдасдзинады рейтингы, Гуырдзыстон, Хурыскæсæн европæ æмæ Централон Азийы регионы лидер бæстæ у.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, кæцы æдасдзинады рейтинг æмæ рисктæн аргълæвæрдимæ у баст, Гуырдзыстоны æмтгæйон баллтæ сты 550-ы бæрц, кæцы æндæр æмæ æндæр параметрты иугондæй райстой, сæ нымæцы: карантины эффективондзинад, хицауады эффективондзинад рискты контролы æрдгæй, мониторинг æмæ раргом, æнæнизхъахъхъæды системæйы цæттæдзинад, регионон фæразондзинад æмæ уæлрадон уавæры рæстæджы цæттæдзинад. Фæнысангонд параметрты æмдзыгуырæй, регионы Гуырдзыстон фыццаг бынатыл ис.
Хурыскæсæн европæ æмæ Централон Азийы регионы, организацийы иртасæн 12 бæстæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ сарызтой, сæ нымæцы сты: Гуырдзыстон, Азербайджан, Сомихыстон, Белорус, Украина, Молдовæ, Туркмени, Узбекистан, Таджикистан, Хъиргъыз, Хъазах æмæ Уæрæсе.