Давиташвили Леван – Хицауад зæрдæмæдзæугæйыл банымадта бадзырд «Худон-ГЭС»-ы цъындыйæ райсты фæдыл
Гуырдзыстоны вице-премьер, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Давиташвили Леван хъусын кæны, ома хицауад абоны рабадтыл рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр, зæрдæмæдзæугæйыл банымадта бадзырд «Худоны» гидроэлектростанцæ цъындыйæ райсты фæдыл.
Давиташвилийы дзырдæй, зæгъгæ бафыстæуыд бадзырд инвестор компаниимæ æмæ паддзахад йæхимæ æрыздæхта проект, кæцыйы фæстæ дæр, паддзахады активон æмархайдæй, проекты сыххæст райдайдзæнис 2023 азы.
«Ахæм нысаниуæгджын, ставд, энергетикон æмæ стратегион проекттæ, куыд уаг, Гуырдызстоны паддзахады активон æмхайаджæй сæххæст уыдзысты фидæны. Ацы проектæн сæрмагонд нысаниуæг уыд Гуырдзыстоны электросистемæйæн, æмтгæй зæгъгæйæ системæй генерацийæн. Уый нымæцы уæвæг «Ингургэсы» куысты эффективондзинад сбæрзонддæр кæнынæн. Уымæ æмбæлгæйæ дæр нæ уынаффæ, ома компаниимæ бадзырдты фæндагæй кæрон скоддаиккам контракт, фæстагмæ, позитивонæй алыг ис æмæ хицауад рахаста уынаффæ, кæцыйы фæрцы бафыстæуыд бадзырд. Æввахс рæстæджы, 2023 азы райдайæнæй, рывналдзыстæм ацы проекты сæххæстмæ, кæцы нæ энергетикон политикæйы иуæй-иу хай у, цæмæй Гуырдзыстоны сбæрзонддæр кæнæм генераци æмæ бæстæйы энергоæдасдзинад», – райхъусын кодта Леван Давиташвили.