Давит Тархан-Моурави – октябры фыццаг къуырийы байдзаг кæндзыстæм Сæрибары фæз, дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæт бокъериатæ æмæ саакашвилитæ, ныр бафæллайын нæй гæнæн, акцитæм хъуамæ цæуæм иудадзыг
«Патриотты альянсы» фарсхæцджыты æмбырдыл дзырдæй ралæуды рæстæджы Давит Тархан-Фоурави куыд райхъусын кодта афтæмæй, 15 сентябры Республикæйы фæзыл план кæны протестон акци ауадзын.
«Рацыд авд азы. 7 аз иу æркуырд нæм ис, дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæт ацы бокериатæ æмæ саакашвилитæ. Бафæллайын нæй гæнæн. ХЪуамæ æнæмæнгæй цæуæм акцитæм, бамбарæм ай, ацы хицауад æрмæст дзæгъæлдзырд кæны, æппын ницы аразы, ацы хицауад дзуаппмæ никæй ратдзæн, кæд стыр протестон акцитиæ нæ уыдзæн уæд» – райхъусын кодта Тархан-Моурави.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, тох уæдмæ хъуамæ аххæсса, æмæ 2020 азы кæронмæ ивд æрцæуа хицауад.
«Фæнды мæ зæгъон «Картули Оцнебайы» алы фарсхæцæгæн, рахизут махмæ. Хицауады дæр исчи намысджын лæг кæд ис уæд сын иу дзурын рахиз махмæ. Ацы акцитæй мах иуыл цъус дыууæ хатт хæсты гæрон лæууæг уавæр баурæдтам. Иунæг фæндаг у сабырад. Нæдæр нын НАТО рахæцдзæн нæ сæрыл, нæдæр АИШ-æ, иунæг фæндаг у цæмæй æрфидар уа сабырад, райхъуцсын кæнæм æфсæддон нейтралитет. Ай хъуамæ бамбарæм, уый тыххæй хъуамæ хæцæм æмæ ацы хæст у протестон акцитæ, æндæр гъуызон ницы рацæудзæн» – райхъусын кодта Тархан-Моурави.