Давит Сергеенкойæн депутаты æххæстбартæ урæд æрцыдысты
Давит Сергеенкойæн парламенты уæнгы æххæстбартæ фæурæдтой. Уый фæдыл уынаффæйæн хъæлæскæныны рæстæджы закъондæттæг оргæны 78 депутат схъæлæс кодтой, 2 та йæ ныхмæ .
Æххæстбартæ æмгъуыдагъоммæ фæурæды фæдыл Давит Сергеенко парламенты сæрдармæ 2023 азы 27 октябры баздæхт. Йæ фыст куырдиаты æцæгдзинадыл абон сæумæрайсом процедурон фарстаты æмæ фæткæвæрды комитет фæуынаффæ кодта æмæ æвæрццаг уынаффæ бюромæ арвыста, цæй фæстæдæр фарста бонвæткъмæ бахастой æмæ пленарон сессийыл касты фæстæ хъæлæскæныныл йын схъæлæс кодтой.
«Бузныг Давит Сергеенкойæн парламенты сæххæст куысты тыххæй æмæ йын нæ цæст уарзы йæ дарддæры куысты йын æппæты хуыздæр арфæтæ», – райхъусын кодта парламенты сæрдар Шалва Папуашвили.