Давит Сергеенко – Туджы банкъ архайы, æнамонд цауæй спайда кæнын сæрмагонд маркетинг фæхуыздæрæн
Туджы банкъ архайы æнамонд цауæй сæрмагонд маркетингæн спайда кæна – ахæм дзуапп ратта Гуырдзыстоны æнæнизхъахъæды министр Давит Сергеенко æнæххæстбар æхсæнад «Туджы Банкъы» минæвары фидиуæнæн, туджы фæстауæрцы дефициты фæдыл.
Давит Сергеенко куыд банысан кодта афтæмæй, знон Диди Дигъомийы стынды фæстæ, клиникæтæм аст пациенты фæхæццæ кодтой, уыдонæй æхсæз Иашвилийы клиникæмæ, кæцыйы фæстиуæгæн бахардз ис туджы минималон бæрц.
«Хицауадон гæсы кодекс мын нæ дæтты бар, æмбæлон аргъ скæнын. Туджы банкъ архайы æнамонд цауæй сæрмагонд маркетнгæн спайда кæнын, йæхимæ балваса æнæаргъ донортæ æмæ æрцæттæ кæна продукт, кæцыйы стæй коммерционæй хъуамæ ауæй кæна. Уæлдайдæр алцыппæт ай уыцы фоныл, бæстæйы саударæн бон куы у æмæ бирæ адæймаг, æнæфидгæйæ банхъардта æххуыс трагедийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæн. Ацы фактæн аргъ скæнæт йæхæдæг дзыллæ. Сабитæн хос кæныны процессы бахардз ис минималон бæрцæй туг, иу иуаг туджы продукт, кæцы тынг цъус у, уымæй къаддæр бæрц æрдзы мидæг нæй. Фæстауæрц, кæй зæгъын æй хъæуы æнæкъуылымпыйæ балæвæрдтой клиникæмæ. Уымæн йæхи ресурс ис» – банысан кодта Давит Сергеенко.
Абон ахæлиу ис Иашвилийы клиникæйы кæрты уæвæг ÆÆ «Туджы Банкъы» менеджеры Эка Гугешашвилийы комментарий, кæцы банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Диди Дигъомийы æрцæугæ трагедийы фæстæ, туджы компоненттæй сифтонг кодтой, куыд Иашвилийы клиникæйы уæвæг сывæллæтты, афтæ æндæр клиникæты пациентты дæр, цæй тыххæй дæр ныр туджы фæстауæрц минималон у.