Давит Сергеенко – курын уæ ма райсат ацы марг, нæй хъауджыдæрдзинад клубон наркотикты æмæ иннæ наркотикты æхсæн
Æнæнизхъахъъхæды министр Давит Сергеенко ноджы иу хатт æмбарын кæны, цæмæй нæй хъауджыдæрдзинад клубон наркотикты æмæ иннæ наркотикты æхсæн. Министры ныхæстæм гæсгæ, цыфæнды наркотик гæнæн ис адæймаджы амара.
«Ноыдж иу хатт мæ фæнды зæгъын, алкæй бафæдзæхсын, куыд æмбæстаг, куыд дохтыр, куыд æнæнизхъахъхъæды къабазы минæвар афтæ – нæй хъауджыдæрдзинад клубон наркотикты æмæ иннæ наркотикты æхсæн. Цыфæнды наркотик гæнæн ис æрхæсса фаталон фæстиуæг æмæ адæймаджы амара. Уый тыххæй дæр, уæхи бахизут ацы маргæй. Иунæг фæндаг у пайдакæнынады æмæ ивтонгады фæкаддæр кæнын уый тыххæй, ацы катастрофæйæ нæхи аиуварс кæнæм» – райхъусын кодта Давит Сергеенко.