Давит Модзманашвилийæн 2012 азы  Лондоны Олимпиадæйы майдан байстой
Давит Модзманашвилийæн 2012 азы Лондоны Олимпиадæйы майдан байстой

Уæгъдибар стилæй  уæззау  уæзæй хъæбысæйхæцæг,  Давит Модзманашвилийæн   Æхсæнадæмон  Олимпион комитет   2012 азы  Лондоны  Олимпиадæйы    майдан  байста.

Уынаффæйы  хаст æрцыд  допингы тыххæй.   Туджы  хуызæгты  бафæлвæрды  ног  иртасæн, Давит Модзманашвилийы  туджы  тобæгонд   препарат dehydrochlormethyltestosterone (турилнабол)   ссардта.   Уый  тыхæхй  йæ  дисквалификаци  скодтой   æмæ йын олимпион майдан дæр байстой.