Давит Дадунашвили - Премьер -министр нын баныфсвæрдта, цæмæй ацы хъуыддаг æнæмæнгæй равзардзысты æмæ бацахуыр кæндзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр нын баныфсвæрдта, цæмæй хъуыддаг равзардзысты æмæ бацахуыр кæндзысты – уый фæдыл Хоравайы уынгыл мард Леван дадунашвилийы фыд, Давит Дадунашвили премьер-министримæ фембæлды фæстæ ззагъта.
Фембæлды рæстæджы, кæцыйыл уыд Дадунашвилиты адвокат, Мх министр æмæ хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Шалва Тадумадзе, зæгæън ис иу сахаты бæрц аххссыд.
Фембæлдæй рацæуæг Давит дадунашвили цыбыр комментари сарызта : «Гуырдзыстоны премьер-министр нын баныфсвæрдта, цмæй ацы хъуыддаг æнæмæнгæй равзардзысты æмæ бацахуыр кæндзысты».
Премьер-министр ныридæгæн фембæлд Панкисы комы спецоперацийы рæстæджы мард Темирлан Мачаликашвилийы фыдимæ Малхаз Мачаликашвилиимæ æмæ Хоравайы уынгыл мард Давит Саралидзейы фыд, Заза Саралидзеимæ.
Хоравайы уынгыл мард иуæй-иу æнахъомы фыд Заза Саралидзе знон парламенты бæстыхайы размæ акцийы райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлын хъавы. Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, Гиорги Квирикашвили зæгъгæ цæттæ у, цæугæ фæдæвзарæнимæ баст фарстытыл ныхаскæнынмæ, политиконæй ангаржиргонд уæнгтæй цухæй фембæла Хоравайы уынгыл мард æнахъомты ныйарджытимæ.