Давит Асатиани – Важа Гаприндашвилийы бинонтæ адарддæр кæндзысты тох, ацы хъуыддаджы алчи иууон стæм
Бинонтæ хъавынц тох адарддæр кæнын Важа Гаприндашвилийы ссæрибар кæнынæн æмæ ацы хуъыддаджы алчи иумæ стæм, къухтæ бынмæ ничи æруадздзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны адвокатты ассоциацийы сæрдар, Давит Асатиани райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гаприндашвилийы бинонтæ фембæлдысты премьеримæ, афтæдæр пълан кæнынц бæрæг мадзæлттæ.
«Æз куыд зонын афтæмæй, премьер-министримæ фембæлдысты, спълан кодтой бæрæг мадзæлттæ. Къурисæрæй бинонтæ бацархайдзысты иуæй-иу æхсæнадæмон барадон хъæды инструменты реализаци скæнын æмæ уый тыххæй нын уæлæмхасæй ноджы уыдзæн куырдиат. Афтæдæр дарддæр кæны куыст æхсæнадæмон партнертимæ, дпломативон фæндæгтæй æмæ алы гæнæн амæлттæй, цæмæй кæрон скæнæм Важа Гаприндашвилийы æнæзакъонон ахст»- райхъусын кодта Давит Асатиани.
Афтæдæр йæ аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, зæгъгæ оккупацион режимы а.х. тæрхонон процесс, абсолютонæй æнæзакъонон у.
Цхинвалы оккупацион режим дохтыр Важа Гаприндашвилийæн стæрхон кодта афæдз æмæ фараст мæййæ ахст. А.х. тæрхоны процесс, оккупацигонд территорийыл 20 декабры ацыд.