Давит Арахамиа – Уæрæсеимæ бадзырдтыл ныхас кæнын 2023 азы дыккæг æрдæджы уыдзæн гæнæн
Украианйы хицаугæнæг фракцийы лидер Давит Арахамиайы дзырдæй, Уæрæсеимæ бадзырдты фадат гæнæн ис фæзына 2023 азы дыккаг æрдæджы. Уый фæдыл Арахамиа «Телеграмы» сæрмагонд фарсыл фыссы.
«Уый гæнæн уыдзæн, электоралон цикл куы райдайдзæн кусын куыд Уæрæсейы, афтæ АИШ-ы , кæнæ та 2023 азы дыккаг æрдæджы. Уæд старт сисдзæн президентон æвзæрстытæ АИШ-ы æмæ 2024 азы æвзæрстытæ уыдзæн Путинæн дæр. Æмæ алкæмæн бахæъудзæнис политиконæй исты равдисын. Не нхъæлын, цæмæй Путинæн йæ бон у æфсæддон æнтысты равдисын, уый тыххæй дæр гæнæн ис уыдон бацархайæд сæрмагонд адæмæн равдисой исты дипломатон фронтыл», – райхъусын кодта Арахамиа.
Уыимæ Украинайы хицаугæнæг фракцийы лидер дзуры, цæмæй ныр Уæрæсейы йæ тыхтæ сабыр кæнынæн бахъæудзæн паузæ, цæй фадат дæр украинæгтæ йын ратдзысты.
Арахамиайы фидиуæнæй, Украинайы президент Мæскуыимæ бадзырдты аууæлтты тыххæй радзырдта æмæ загхта цæмæй уыдон æнæивгæ сты.
«Территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын, зианы компенсаци скæнын, æфсæддон фыдгæнджыты æфхæрдмæ раттын, архайадон гарантитæ, цæмæй цы æрцыд уый нал сфæлхатт уыдзæн», – райхъусын кодта Арахамиа.