Давид Залкъаниани – фæнды нæ 21-æм ноябры, Брюселы плангонд фембæлд ног идеатæй æмæ уындæй фидæныл уа ориентиргонд
Давид Залкъаниани – фæнды нæ 21-æм ноябры, Брюселы плангонд фембæлд ног идеатæй æмæ уындæй фидæныл уа ориентиргонд
Гуырдзыстон активонæй цæттæ кæны, Брюселы, 21-æм ноябры плангонд фембæлдмæ, кæцы Гуырдзыстон –Евроцæдисы æмахастыты ног формат у – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты минситр Давид Залкъаниани расидтис.
Æттаг хъуыдтæгты министрады Евроцæдисы уæнг бæстæты дипломаттимæ арæзт фембæлды сæйраг темæтæ 21-æм ноябры Брюселы плангонд уæллаг рангы фембæлд, афтæ дæр Европарламенты резолюци æмæ Евросоветы хаццæг уыд.
Давид Залкъанианийы расидæнмæ гæсгæ, 21-æм ноябры фембæлдмæ Гуырдзыстон йæхи цæттæ кæны.
«Фæнды нæ 21-æм ноябры, Брюселы плангонд фембæлд ног идеатæй æмæ уындæй фидæныл уа ориентиргонд. Уый тынг нысаниуæгджын къахдзæф у Гуырдзыстон –Евроцæдисы æмахастыты æмæ Евроцæдисмæ интеграцийы сферайы» – расидтис Залкъаниани.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Брюселы 21-æм ноябры фембæлдыл Гуырдзыстоны делегацийæн премьер-министр Мамука Бахтадзе къухдариуæг кæндзæн, афтæ дæр хайад исдзысты æндæр æмæ æндæр уагдæтты министртæ.