Давид Залкъаниани -Джон Болтонимæ фембæлдыл, Гуырдзыстон – АИШ-ы стратегион партнердзинады алы сæйраг фарстайыл фæныхас кодтам
Давид Залкъаниани -Джон Болтонимæ фембæлдыл, Гуырдзыстон – АИШ-ы стратегион партнердзинады алы сæйраг фарстайыл фæныхас кодтам.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты минситр Давид Залкъаниани раисдтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Джон Болтонимæ фæныхас кодтой афтæ дæр уыцы регионалон æмæ глобалон расидæнтыл, кæцыты у баст Гуырдзыстон.
«Нæ старатегион партнер, АИШ хъуамæ иса хайад снысангонд проблемæты æмæ расидæнты æрбиноныгы процессы. АИШ тынг хорз зоны уый.
Хуымæтæг у, ныхасы рæстæджы темæ æдасдзинады къуымæй окупиргонд територитыл уæвæг уавæрмæ дæр баххæсыд, ацы къуымæй нæ стратегион партнерæй махæн ис фарсылхæцындзинад. Фарста лæууы АИШ-ы политикайы боны фæткъы. Ацы фарста Уæрсеимæ дыууæфарсон диалогы фарста у æмæ махæн тынг нысаниуæгджын у АИШ-ы фарсылхæцындзинад. Фæныхас кодтам, куыд ис гæнæн ацы ситуацийы æрбиныгы уыцы инициативатæй, кæцытæ Гуырдзыстон æхæхст кæны. Иуæй иу нысаниуæгджын сферæ у æппæтдунеон æрдордты фылдæр бастдзинад» -банысан кодта Залкъаниани.
Хуссар каваказаг турнейы фæлгæтты АИШ-ы æдасдзинады советы нымæрдар æмæ националон æдасдзинады фарстаты, президент Дональд Трампы минæвар Джон Болтон Гуырдзыстонмæ æрцыд.
Мамука Бахтадзейы расидæнмæ гæсгæ, Джон Болтон у Гуырдзыстоны иузæрдæ æрдхорд, кæцыйæн ис конкретон уынд, куыд гæнæн ис ноджы фæарфдæр кæнæм стратегион æммахастытæ АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн.
Парламенты вице-спикер Тамар Чугошвилийы аргълæвæрдмæ гæсгæ, Болтоны визит тынг нысаниуæгджын у æмæ ныхас конкретон фарстаты алыварс уыдзæн арæзт.