Давид Залкъалианийы расидæнмæ гæсгæ, Гуырдызстонæн АИШ-ы администрацийы æрдыгæй ис фарсылхæцындзинад
Давид Залкъалианийы расидæнмæ гæсгæ, Гуырдызстонæн АИШ-ы администрацийы æрдыгæй ис фарсылхæцындзинад
Бæрзонд гæсты визиттæ Вашингтонмæ уыдзысты хорз фадат, цæмæй конгресментæн уа лæвæрд фадат райсой деталон информаци Гуырдызстоны уæвæг æмæ цæугæ процессты фæдыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалиани цыппар америкаг конгрессмены фыстæг, Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахариамæ æрвысты фарстайы фæдыл расидтис.
Конгрессмен Адам Кинзингеры информацийæ, Гуырдзыстоны премьер-министрæн фыстæг цыппар америкаг конресмен ныффыста. «Абон Гуырдзыстоны премьер-министрмæ фыстæгæй басидтыстæм æз, Джерри Коноли, Элиот Энгел æмæ Майкл Макаул. Ацы фыстæгы расидтыстæм тыхстдзинад политикон нысанæй экономикон тенденциты фæстæ цыд, кæцы Гуырдызстонæнæ хæссы зиан ныгуылæн интеграцийы фæндагыл», -ис фыст фыстæгы.
Давид Залкалианийы расидæнмæ гæсгæ, уый фыстæг йæхи цæстæй нæ федта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстоны хицауадæн нысаниуæгджын у стратегион партнеры æрдыгæй алы хуызы хъæлæба.