Давид Залакъаниани – «Исламон паддзахады» ныхмæ тохы Гуырдзыстон АИШ-ы къорды ис

11:54, 07.02.2019

 

Давид Залакъаниани – «Исламон паддзахады» ныхмæ  тохы Гуырдзыстон АИШ-ы къорды ис

Гуырдзыстон сæрыстыр у уа АИШ-ы партнер æмæ глобалон коалицийы активон уæнг «Исламон паддзахды» ныхмæ тохы. Гуырдзыстоны нысаниуæгджын  хай хæссы глобалон расидæнты тохы процессы – расидтис Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъаниани «Исламон паддзахды» (ISIS) ныхмæ глобалон коалицийы уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты минитсрты фембæлдыл ныхасæй рацыды рæстæджы.

Æттаг хъуыдтæгты министры информацийæ Давид Залкъаниани «ИП» æй цæугæ тæссагдзинæдты формæтыл æмæ семæ тохы æнæмæнг координиргонд архайдтытыл фæныхас кодта.

Тероризмы ныхмæ тохы метод æмæ стратегийы бакасты хъусдард сцырын кодта окупиргонд територитыл уæвæг уавæрыл æмæ ацы територитæй цæугæ тæссагдзинæдтыл.

Гуырдзыстоны 2014-æм азы глобалон коалицийы уæнг у. Глобалон коалицийы фыццаг министериал 2014-æм азы 3-æм декабры Брюселы сырæздзæн. Коалицийы нысан ИП ныхмæ даргъæмгъуыдон стратегийы бакуыст æмæ регионы тероризмæй рацæугæ тæссагдзинæдты æмæ уæвæг гуманитарон кризисы ныхмæ тох у.

Хуыздæр