Давид Бакрадзе – Гуырдзыстон – АИШ -ы æммахастытæ никуы уыдысты афтæ æввахс
Давид Бакрадзе – Гуырдзыстон – АИШ -ы æммахастытæ никуы уыдысты афтæ æввахс . 17-æм июлы АИШ конгресы архайæг Европайы æдасдзинады æмæ æмкуыстдзинады комиссийы (Хельсинкы комис) фæлгæтты сырæзт байхъуыст, темæйыл «Уæрæсейы окуппаци æмæ æппæтдунеон уагæвæрды хæлд».
Комисы уæнгты раз ныхасæй рацыдысты Гуырдзыстоны минæвар АИШ-ы Давид Бакрадзе, Heritage Foundation -ы иртастон Люк Кофи, U.S. Atlantic Council -æххæстгæнæг вице-президент Деймон Вилсон.
Минæвар Гуырдзыстоны хицауады сабырадон инициативæйыл сцырын кодта йæ хъусдард.
«Баиу уыны æмæ бастдзинады политикæ махæн приоритетæй зайы, æмæ ацы тыхархайды ноджы фæтыхджындæр кодтам ног сабырадон инициативæйы фæлгæтты, ног фæрæзты бавдисынæй, кæцы у хуыздæр фидæны æрдæм къахдзæф», – загъта Давит Бакрадзе.
Йæ аргълæвæрдæй, конфликты сабырадон срегулир кæныны процессы æнтыстмæ рæцæуыны тыххæй, скуыддзагæнæг у æхсæнадæмон фарсхæцынад æмæ АИШ-ы куыд Гуырдзыстоны стратегион партнеры æмæ Женевæйы дискусситы хайадисæгæн, ацы процессы егъаунысаниуæгджын рол ис.
«Мах аргъ кæнæм АИШ-Гуырдзыстоны партнерадæн æмæ Гуырдзыстоны æдасдзинад æмæ стабилондзинады хъуыддаджы АИШ-ы хайбавæрдæн. Политикон æмвæзадыл Гуырдзыстонæн АИШ-ы хицауады, Конгресс æмæ администрацийы уæрæх дыууæпартион æнцойад ис. АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытæ никуы уыдысты амæй фидардæр æмæ ацы ахастытæ ноджы тыхджындæр кæны нырыккон администрацийы уавæрты, кæцы иугæндзонæй бæлвырд кæны сæрмагонд позицийы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдызстоны регионты оккупацийы æмæ Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграцийæн фарсхæцынмæ гæсгæ», – райхъусын кодта Давит Бакрадзе.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ АИШ-ы Конгресс æргомæй дзуры Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын фарстатыл.
«Афон у, ацы политикон фарсхæцынад айрæза практикон къахдзæфтæм мæ бæстæйы æхсты фæурæды бадзырды сæххæст кæнын æмæ æппæтылæххæссæг сабырадон æрбиноныгы срæвдз кæнынæн»,- банысан кодта АИШ-ы Гуырдызстоны минæвар.
Афтæма йæ аргълæвæрдæй, фæдфæдондзинадæй æмæ куыстæй ис гæнæн, Гуырдзыстоны хъæддых сабырад æмæ æдасдзинады æрфидар кæнын.
«Уый фæдыл мæ фæнды банысан кæнон æхсæнадæмон аренæйыд æмæ АИШ-ы Уæрæсейимæ диалогы рæстæджы конфликты сабырадонæй аскуыддзагы фарста слæууын кæнын æнæмæнгхъæуæгдзинад. АИШ-ы хъомысджын кухдариуæгад иттæг нысаниуæгджын у Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты аскуыддзагы хъуыддаджы прогрессмæ куыд æрхæццæ уæм уымæн. Махæн цæрынæн нысаниуæгджын у, цæмæй æхсæнадæмон дзыллæ йæ цæст ма бацъынд кæна Уæрæсейы агрессивон архæйдтытыл оккупацигонд Гуырдызстоны территоритæм гæсгæ», – бафтыдта ма Давит Бакрадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадæмон дзыллæ, æмæ сæрмагондæй АИШ-ы хъæддых позици скуыддзагæнæг у Уæрæсемæ дырыс сигнал раттынæн, цæмæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ йæ политикæ нæрайсгæ кæй у, уый тыххæй.