Данийы æттаг хъуыдтæгты министр Гуырдзыстоны реализгонд реформæты æнтыстджын хоны
Данийы æттаг хъуыдтæгты министр Гуырдзыстоны реализгонд реформæты æнтыстджын хоны
Æнтыстджын реформæтæ сыххæст кодтат – уый фæдыл Данийы æттаг хъуыдтæгты министр Андрес Самуэльсен Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвилиимæ абоны фембæлдыл расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстон Данийы тынг нысаниуæгджын партнер у, кæцыйæн Дани алы хатт дæр йæ фарсыл рахæццæн.
Гуырдзыстоны хицауады администрацийы информацимæ гæсгæ, фарсытæ фæныхас кодтой данийы сыхагон програмæйы ног, 2017-2021 æм азты стратегийы фæдыл, кæцыйы фæлгæтты Гуырдзыстоны 27 милуан евро рахицæн уыдзæн. Гуырдызстоны фарсылхæцæн програмæ, йæ зæрдыл дары дыууæ тематон сферæ- адæймагы барты æмæ демократион размæцыд, инклюзивон экономикон рæзты къухарæзт æмæ фæтыхджын кæнын.
Данийы æттаг хъуыдтæгты министр – Дания Гуырдзыстон æмæ Украинайæн 142 милуан доллар рахицæн кæндзæн
Дания æввахс фондз азы мидæг Гуырдзыстон æмæ Украинайæн 860 милуан кронæ рахицæн кæндзæн -уый фæдыл информаци ралæвæрд Kamikposten парахат кæны.
Ралæвæрды информацийæ Андерс Самуелсен 20-23 æм февралы Украинамæ æмæ Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн.
Данийаг дипломаты визиттæ ацы бæстæтæм, кæцытæ Уæрæсейы æрылгъывды фæстиуæг зиан баййæфтой, реформæты фарсылхæцындзинадæй реализ кæны.