Цыппурсы бæрæгбоны абон Гуырдзыстоны иумæ нысан кæнынц мингай уырнæг
Мингай уырнæг иуæй-иу сегасæй нысаниуæгджын чырыстонон бæрæгбон – Цыппурс бæрæгбон кæны. Чырыстийы райгуырдыл уыцы аргъуаны минæвæрттæ амбæлдзысты, кæцытæ ацы датæйы Григорианон къæлиндарæй банысан кæнынц.
Католиктимæ æмæ протестанттимæ иумæ Цыппурсы бæрæгбон 15 автокефалон рæстдинон аргъуанæй 11 бæрæгбон кæнынц.
Цыппурсы бæрæгбоныл Евангелистон-лютеранон аргъуан абон бæрæгбон кæны. Аргъуаны пастор Альбинæ Зотова бæрæгбонон куывд сæххæст кодта.
Чырыстон-адвентисттæ та Цыппурсы иуæ конкретон бон нæ банысан кæнынц, фæлæ абоны абоны бон Цыппурс уæддр сбрæгбон кодтой. Уый æфсонæй та схуыдтой сыгъдæг фыстæг, кæцыйы мидæг с ныхасмæ гæсгæ, бавдыст у Чырыстийы раугырды бæлвырд рæстæг.
25 декабры бæрæгбон кæны «Фервæзты арми». Гуырдзыстон у иуæй-иу уыцы 128 бæстæйæ, кæцыты архайы ацы аргъуан æмæ æхсæнадæмон хæрзаудæн организаци . «Æфсад æнæхотыхтæй» – афтæ хонынц организацийы, кæцыйы уæнгтæ арæх сты æфсддæттæ æмæ офицертæ.
Цыппурсы æхсæв Батумы Самебайы номыл протестантон аргъуаны афæдзы мидæг сегасæй бирæ адæм вæййы. Протестантон аргъуан архайы 1995 азæй æмæ Цыппурсмæ сæрмагондæй цæттæ кодта. Нырма ноджы иу мæй раздæр алы хуыцаубон фæйнæ цырагъ æссудзынц, цыппæрæм къуырийы фæстæ та Цыппурсыл амбæлынц цыппар судзгæ цырагъимæ. Аргъуан сæрмагондæй ссиу уыдзæн эфирмæ куывды рстæджы кæцы сæумæрайсоммæ аххæсдзæн.
Аргъуанон зарджытæй, куывдæй æмæ динамындæй амбæлдысты Цыппурсыл Гуырдзыстоны евангелистон чырыстон-баптисттæ. Литургий та цыппурсон зарæгæй райдыдта, зарджыты къордимæ иумæ фыццаг зарæг æххæст кодтой уырнæг адæм дæр. Фæстæдæр та адæммæ басидтис, кæцы ныхас кодта Цыппурсы тыххæй, йæ мидис æмæ нысаниуæгыл.
Чырыстонон конфесситы иуæй-иу сегасæй рагон ассириаг-халдейаг католикон аргъуан Цыппурсы бæрæгбон нысан кæнын райдыдта арамейаг æвзыгал куывд æмæ зардæй. Ассирийæгтæ Цыппурс банысан кæнынц 25 декабры, фæлæ фæзæгъынц цæмй уый æрмæст символон датæ у зæгъгæ æмæ фылдæр нысаниуæгджын у йæхæдæг ацы бæрæгбонимæ баст æрвитæггæгтæ, цæмæй апарахат уа уарзондзинад æмæ хæрзиуæг.
Абон æндæр æмæ æндæр конфесситы минæвæрттæ æмхъæлæсонæй нысан кæнынц, цæмæй Цыппурс милуангай адæймагы æппæт Дунейы уарзондзинад æмæ хæрзиуæгы алыварс иу кæны.
Цыппурсы бæрæгбонмæ нывонд «моамбейы» специалон рауагъд абон эфирмæ лæвæрд æрцыд 23:30 сахатыл.