Цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ бронзæ Францы гран-прийыл
Францы горæт Ницайы цæугæ Анри Деланы номыл радæй 47-æм гран-прийы фæлгæтты ерысыл абон Гуырдзыстоны уæгъдибар хъæбысæйхæцджыты æмбырдгонд ерыс кодта. Турнирыл Гуырдзыстоны æмбырдгонды номæй дæс спортсмен рацыд, кæцытæй Бека Ломтатидзе (61 кг), Зураб Икобишвили (70 кг), Ника Кенчъадзе (79кг) æмæ Гено Петриашвили (125 кг) сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой, æрмæст Давит Тълашадзе (74 кг) æмæ Гиви Мачъарашвили (97кг) æвзист майдантыл фæхæст сты.
Гуырдзыстоны æмбырдгондæн бронзæ майдантæ та æрхастой Владимер Хинчегашвили (65кг), Бека Бучъиашвили (57 кг) æмæ Ираклий Цъитури (92 кг). Ерысыл æнæмайданæй баззад æрмæст Давит Марсагишвили, кæцы бронзæ майданæн тохы фембылд ис.