Цы уавæр ис Киевы, цатырты сахар æмæ  развæлгъау ахсты изоляторы цур
Цы уавæр ис Киевы, цатырты сахар æмæ развæлгъау ахсты изоляторы цур

Украинæйы, цатырты  сахары алфæмблæйтты   ацы рæстæгмæ уавæр сабыр у.

Фыццаг Каналы  журналист   бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй,   Одессæйы  раздæры губернаторы, Михеил Саакашвилийы фарсхæцджыты  хай,  цатырты  сты,  æрмæст иннæ  хай та    развæлгъау ахсты изоляторы  цур æрымбырд сты, кæдæмдæр Саакашвилийы  дысон, ахсты фæстæ  аргъæвдтой.

Сæумæрасомы,  цатырты сахар  алфæмбылæйтты зындысты  барадхъахъхъæнджыты æмæ   специалон нысаниуæгы   балы  минæвæрттæ.   Фæстæдæр та   бæрæг æссис, цæмæй  уый  уыд плангонд  ротаци  æмæ  барадхъахъхъæнджыты иу къорды фæивдта иннæ.

Михеил Саакашвилийы  æхсæвы рæгмæ  æрцахстой.  Ацы рæстæгмæ  уый  уæвы  развæлгъау ахсты изоляторы.  Адвокат  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  Саакашвили   ахæстоны райдыдтæ нæхæргæ акци.

Одессæйы  бæстæйы  раздæры  губернаторæн  æфхæрд  хъуамæ стæрхон кæной   72 сахатмæ.   Украинæйы прокуратурæ уымæн   мидахсты стæрхон кæнын  домы.  Медийы   хъусинагæй,   Михеил Саакашвилийы  Украинæйы националон полицийы  иуæй-иу департаменты  хистæры  хæдзары æрцахстой.