Цы уавæр ис  автомобилон фæндæгтыл
Цы уавæр ис автомобилон фæндæгтыл

Гуырдзыстоны регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæй министрады  автомобилон æндæгты   департаменты  информацийæ,   бæстæйы масштабæй  митуарыд æмæ ныллæг температурæйы тыххæй,  фæндæгты  хицæн фадгуытыл  ис  арæнæвæрдтæ.

Уагъд  ныссыгъдæггæнæн  куыстыты фæстиуæгæн, мидпаддзахадон   нысаниуæгы  Гоми-Сачхере-Чъиатура–Зестафоны  автомобилон фæндаджы  км1 – км52 фадыгыл, сног   стыр уæзласæн автотранспорты змæлд.

Автомобилон  фæндæгты департаменты информацийæ,   бæрæг  арæнæвæрдтæ  ис  фæндæгты  хицæн  фадгуытыл :

«Митуард æмæ кæлæхы  тыххæй, æхсæнадæмон  нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы  Гудаури (Поста)- Къобийы  фадыгыл  фæдзæхст у   стыр уæзласæн автотранспорты змæлд. Æрмæст  æндæр типы   автотранспорты  змæлд    уæгъд у.

Æрдзы националон  агентады хъусинагæй  Гудаури (Поста)-Къобийы фадыгыл   автотранспорты змæлд цæуы æнæрлæугæ режимæй, æрмæстдæр  зæйæиргъæвæг  тунелы  уылты Мидпаддзахадон нысаниуæгы  Вазианы-Гомбори-Телавы  автомобилон фæндаджы  км 30-км50 ( хъæу Гомбор-Шуа Мтайы фæзилæн) фадыгылы  рог  хæдтулæгты  змæлд гæнæн ис  фæбырыны ныхмæ  рæхысты  фæрцы.  Æрмæст  алкæмцæуæг  хæдтулгæты  змæлд  уæгъд у. Автомобилон фæндаджы  иннæ  фадгуытыл   автотранспорт сæрибарæй   змæлы», –  банысангонд у автомобилон  фæндæгты  департаменты  информацийы.