Цы ран сты тайландаг сывæллæттæ æмæ лæгæтæй сæ цы фæндаг рацæуын сæ бахъæудзæн дæлдондзæуджытимæ иумæ [видео]

Тайланды  хицауад   лæгæты  баззайгæ   сывæллæтты   ракæныны   планы  детæлттæ   раргом  кодта.  Информацийы   куыд у банысангонд афтæмæй,   операцийы  рæстæджы  сывæллæттæн  уыдзæн туаггуыры баллонтæ æмæ улæфæн маскæтæ.  Алы  сывæллоны  дæр рахизын кæндзæн фæйнæ дыууæ  дæлдондзæуæг.  Уыдон кæрæдзиуыл баст уыдзысты  синагæй.

Хицауад бæлвырд кæны, цæмæй    науы  сæйраг æвæрццаг фарс   уый у  æмæ   сывæллæтты ракæнын  бантысдзæн рæхджы  æмæ уымæн минималон ресурс бахъæудзæн.

Информацийы дзырдæуы, цæмæй  планы  сæххæст кæнын   профессионал  дæлдзондзæуджытæ  цухæй  гæнæн нæй.  Уымæй  уæлдай ма  сывæллæттæ  ма  хъуамæ фæтæрсой  æмæ паникæмæ  сæхи ма раттой.

Бакой уын кæндзыстæм,  тайланды  лæгæты  баззайгæ  сывæллæтты  ракæнынæн  операци,  нырид цалдæр  сахат у  цы  даргъ кæны.  Фыццаг  фервæзгæ   сывæллæтты  лæгæтæй  рацыдмæ   æнхъæлмæ кæсынц   изæры æрдæм.