Цы хъуамæ зонæм æмбырдæнæн пенсион системайы фæдыл
Гуырдзыстоны фыццæгæм январæй æмбырдæнæн пенсион системæ скусдзæн. Кусæг æмбæстагæн счетыл сæрмагонд æфтиагы дыууæ процент сывæрын бахъæудзæн, дыууæ процент кусæгдæттæг, дыууæ та хицауад бафдаудзæн.
Кæмæн уыдзæн йæ бон схемайы хайад райсын:
Æмбырдгæнæ пенсион схемайы хайад райсдзысты Гуырдзытсоны алы кусæг кæнæ та хæдбарæй кусæг æмбæстагæн, афтæ дæр Гуырдзыстоны цæрæг фæсарæйнагæн.
Кæмæн у системæ æнæмæнг:
Системайы бастдзинад æнæмæнг у 40 азы онг уæнгтæн, кæцытыл 2018-æм азы æхсæзæм августы 40 аз нырма не сыхæхст.
Кæмæн у системæ фæндонмæ гæсгæ:
2018-æм азы æхсæзæм августы сыхæхст 40 аз. 2019-æм азы фыццæгæм январы системамæ уыдон дæр уыдзысты хаст. Уыдонæн сæ бон системайæ рацух уæвын 2019-æм азы 1 æм апрелæй 31-æм майы периоды æрмæст.
Кæд æмæ дæн сæрмагонд бизнесы баст у æви нæ мæ бон системайы хайад райсын:
Фæндонæй у сæ бон схемайы хайад исын æмæ фондмæ уыдон 4 % арвитдзысты, дыууæ та паддзахд ратцæн.
Кæд æмæ дæн 40 азæй хистæр кары:
1 æм апрелæй 31 майы периоды у сæбон рахизын схемайæ уый фæстæ уыцы фадат нал уыдзæн.
Кæд æмæ æмбæстаг 40 аздзыд у фæлæ нæ кусы:
Куыст ссарыны æмæ æфтиаг райсты фæстæ æмбæстæгтæ автоматонæй уыдзысты хаст схемамæ.
Уыдзæн æви нæ йæ бон пенсион кармæ баххæсыды онг æмбæстаг райса фондмæ æрвыст æхца:
Гуырдызстоны æмбæстагдзинадæй ахызты цауы, мæлæты цауы хæстæджытæ райсдзысты æхца.
Мызды бæрц 1000 лари куы уа цы æхца райсдзæн уыцы цауы къухмæ
100 ларийæ 2 % (20) лари уыдзæн æрвыст пенсион фондмæ. Иннæ 980- лари фæивар фæстæ 784 лари уыдзæн мызды бæрц.