Цы ис фыст ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейы резолюцийы номхуындæй -«10 аз Гуырдзыстоны, 2008 азы августы хæстæй»
ЕÆÆО-ы парламентон ассамблей фауы Абхаз æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны (Гуырдзыстон) Гуырдзыстоны æмбæстæгты – Арчил Татунашвилийы, Гига Отхозориайы æмæ Давит Башарулийы марындзинад, хъæддыхæй домы Уæр1сейы Федерацийæ, йæхи баурома Гуырдзыстоны хицауады æрдгæй æхсæнадæмон патрнертимæ иумæ Татунашвилийы, Отхозориа æмæ Башарулийы хъуыддæгты деталон равзарын куылымпы кæнын æмæ срæвдз кæна фыдгæнджыты æрдæм растæрхоны сæххæст – уый фæдыл дзырдæуы резолюцийы, кæцыйы ЕÆÆО-ы парламентон ассамблей, абон абсолютон фылдæртæй райста.
Фыццаг Къанал уын æнхъары резолюцийы «10 аз Гуырдзыстоны, 2008 азы августы хæстæй»-ы æнæофициалон тæлмац:
« Фæстæмæ бæлвырд у уый æмæ разы у ИНО-ы уагæвæрды æмæ ЕÆÆО-ы алы нормæ æмæ бæгъдуанимæ, кæцыйы æнцойæвæрд у Хельсинкийы хатдзæгон акт, Паризы хартий, 1992 азы Хельсинкийы документ, 1994 азы Будапешты документ, 10996 азы Лиссабоны документ æмæ 1999 азы Стамбулы саммитыл райст Европаг Æдасдзинады Хартий.
Йæ зæрдыл дары ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейы алы æмбæлон документ, сæ нымæцы 2010 азы Ослойы, 2012-æм азы Монакойы æмæ 2016 азы Тбилисы дклараци.
Бæлвырд кæны Гуырдзыстоны суверенитеты, хæдбардзинад æмæ территорион æнæхъæндзинад йæ æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты æнцойад.
Æвдисы арв хъынгдзинад уый тыххæй æмæ, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликт 2008-æм азы августы хæстæй 10 азы сæрыл дæр æнæбиноныг у æмæ уымæ гæсгæйæ хахх кæны Евроцæдисы æхсæныбацыдæй æвæрд 2008 азы 12 августы «Æхсты фæурæды» фæдыл бадзырды æнæхъæнæй сæххæсты, уый нымæцы Гуырдзыстоны территорийæ Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхты ракæнын æмæ оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны (Гуырдзыстон) æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты сæвзæрын кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
Мæтæйдзаг у, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны (Гуырдзыстон) адæймаджы барты хъахъхъæды æхсæнадæмон æмæ регионон механизмты, уый нымæцы, ЕÆÆО-ы æмбæлон æххæстгæнæг структурæты бирæхаттон æнæруадзыны тыххæй.