Цы  æххуыс уыдзæн лæвæрд æмбæстæгтæн æмæ бизнесыл хицауады антикризисон планы цыппæрм этапыл
Цы æххуыс уыдзæн лæвæрд æмбæстæгтæн æмæ бизнесыл хицауады антикризисон планы цыппæрм этапыл

Цы  æххуыс уыдзæн лæвæрд æмбæстæгтæн æмæ бизнесыл хицауады антикризисон планы цыппæрæм этапыл

Гуырдызстоны уæвæг эпидемиологион увавæрмæ гæсгæ, премьер-министры къухдариуæгдзинадæй архайæг уагдæтты æхсæн координацион совет антикризисон планы цыппæрæм этапы фæлгæтты æмбæстæгты æмæ сæрмагнод секторы фарсылхæцæн ног пакет сбæлвырд кодта.

Æнæхъæнæй ног пакеты бюджет 1,1 милуан лари у.

Антикризисон планы цыппæрæм этапы фæлгæтты, æмбæстæгты æххуысæн æнæхъæн бюджет 545 милуан лари у, бенифициарты нымæц та 500 000 йæ фылдæр у.

Æххуысы пакет йæ зæрдыл дары:

– комуналон хардзты субсиди – цыппар мæйы мидæг субсиди (200 кубометры бахардз). Бенифициарты нымæц иу милуан бинонтæ. Бюджет 270 милуан лари.

– 1 200 ларийы бæрц æххуыс, уæнгтæн, кæцытæ сæ куыст фесæфтой. 2021-æм январæй æхсæз мæйы мидæг 200 лари райсдзысты алы мæй. Бенефициарты нымæц 125 000 уæнг у, бюджет -150 милуан лари.

– 300 ларийы бæрц иухаттон æххуыс –уыдзæн лæвæрд компенсаци уыцы объектты æмæ индивидуалон уæнгтæн, кæцыты куыст уыдзæн урæд декабрь æмæ январы. Бенефициарты нымæц 100 мин у, бюджет -30 милуан лари.

-600 ларийы бæрц æххуыс -65 æй 100 мин социалон баллы уæвæг бинонтæн январæй, мæйы 100 ларийы бæрц. Бенефициарты нымæц 72 мины онг бинонтæ, бюджет -55 милуан лари.

-18 азы онг кары амаларæнгонд уæнгæтн уыдзæн лæвæрд 600 ларийы бæрц æххуыс –мæйы 100 лари, бенефициарты нымæц 43 мин уæнг, бюджет – 27 милуан лари.

Афтæ дæр банкъы хæсты аргъæвды фадат уыдзæн уыцы объектты кусæг уæнгтæн, кæцыты куыст уыдзæн тобæгонд декабр –январы.

Антикризисон планы цыппæрæм этапы фæлгæтты, бизнесы фарсылхæцæн пакет 515 милуан лари у æмæ йæ зæрдыл дары:

– æфтиагы ивары бафысты -1500 ларийы онг мызды уæнгтæ 750 ларийы онг. Бенефициарты нымæц 33 мин, бюджет -260 милуан лари.

– мулкъы бафидинаг туризмы секторы – бюджет 45 милуан лари.

 

– 2020 азы цыппар мæйы æргъæвд æфтиагы  бафидинагы санулир бюджет 20милуан лари.

– адаргъ уыдзæн фысымуатты банкъы кредитты субсиди бюджеты нымæц – 3700 компани.

– микрогрантты программæ – бюджет 40 милуан лари.

Программæ хауы уыцы объекттæм, кæцыты куыст фæтобæ уыдзæн декабрь-январы периоды.