COVID-19- ы ноджы иу вакцинæ клиникон фæлварыны 3-аг фазæйы 90 процентон эффективондзинад равдыста
Америкаг фармацевтон корпораци «Pfizer»-ы æмæ немыцаг биотехнологион компани «BioNTech»-ы иумæйагæй бакуыст вакцинæ, клиникон фæлварыны æртыккаг фазайы 90%- эффективондзинад равдста «COVID-19»-ы инфекцийы превенцийы рдæгй.
Фыццагон фæстиуджытæм гæсгæйæ, пациенттæ хъахъхъæд свæййынц вакцинæйы фыццаг дозæйæ 28 боны фæстæ, дыккаг дозæйы райстæй та иу къуыримæ.
«COVID-19-ы вакцинæйы клинкон фæлварыны æрытккаг фазæйы фыццагон фæстиуджытæ нын амонынц, цæмæй нæ вакцинæ COVID-19-ы превенци кæны» – дзуры специалон фидиуæны «Pfizer»-ы сæрдар æмæ æххæстгæнæг директор Альберт Бурла.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ мингай адæймагмæ эффективондзинады æмæ æдасдзинады фæдыл æфтауц бæрæггæнæнтæ публикаци скæндзысты æввахс къуыриты.
Компаниты фидиуæнæй, 2020 азы уыдон вакцинæйы 50 милуан дозæ æрцæттæ кæндзысты, 2021 азы та ацы бæрæггæнæн 1,3 миллиарды онг фæфылдæр кæндзысты.