«CNN» - Гуырдзыстон, кæцыйы хицауадæн приоритетон у туризмы сектор сæндидзын кæнын, фæсарæйнаг уазджытæн байгом уыдзæн фыццаг июлæй
Гуырдзыстон, æхсæнадæмон туристты исын райдайдзæн фыццаг июлæй – уый фæдыл æны «CNN». Рауагъдад куы фыссы уымæ гæсгæ, зæгъгæ коронавирусы пандемийы размæ Гуырдзыстоны туризм рæзтис.
«Фондз милуан уазæг 2019 азы, кæцы 7%-æй фылдæр у 2018 азимæ абаргæйæ. Фæлæ 2020 азы марты, кризисы тыххæй бæстæ тыхыбын баис, зымæджы курорттæ æрыхгæнын æмæ алы фæсарæйнаг бæлццоны бæстæмæ бацыдыл тобæ сæвæрын. Хицауад кæцыйæн приоритетон у туристон секторы сæндидзын кæнын, хъусын кæны, цæмæй бæстæ, фæсарæйнаг туристтæн, фыццаг июлæй байгом уыдзæн. Бæстæйы официалон уæнгтæ бавдыстой антикризисон пълан, кæцы æртæ этапæй у, сæ нымæцы маркетингы кампани, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны популяризаци куыд «æдас туристон æрдæмад» афтæ.
Дыкаг эытапыл уæгъд уыдзæн мирд-туризм специалон æдас туристон зонæтæм, æрмæст хатдзæгон жтапыл байгом уыдзысты арæнтæ æмæ сног уыдзæн тахтытæ иуæй-иу æрдæмадæй.
«Ныр хизæм коронавирусыл реагиркæнынады 3-аг этапмæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары экономикæйы кризисы фæстæ фæтк дæттын æмæ æндæр æмæ æндæр секторты сæндидзынæн пълан бакусын» – фехъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, коронавирусы ныхмæ тохы фæдылсоветы иуæй-иу фæстаг рабадтыл.ю
Туризм уыдзæн фыццаг, цæмæ дæр бандавдзысты антикризисон мадзæлттæ» – фыссы «CNN».