«CNN» -  АИШ  «Пэтриоты» типы  ракетыныхмæ   системæтæ Украинайæн  плангондæй   раздæр  адæтдзæн
«CNN» - АИШ «Пэтриоты» типы ракетыныхмæ системæтæ Украинайæн плангондæй раздæр адæтдзæн

АИШ Украинайæн  «Пэтриоты» типы  ракетыныхмæ   системæтæ   плангондæй   раздæр  адæтдзæн. Информаци уый фæдыл  хъусын кæны «CNN».

Телекомпанийæн   АИШ-ы   хъахъхъæнынады  департаменты  куыд  фехъусын кодтой, афтæмæй, 65  украинаг  æфсæддон   «Пэтриоты» системæтæй архайыны курс æввахс бонты  бавдисдзæн.  Уый фæстæ  та  украинаг   æфсæддон гæстæ   уæлæмхас тренингтæ  Европæйы  ацæудзысты.

«CNN» куыд хъусын кæны афтæмæй,   украинаг æфсæддæттæ  тынг тагъд сахур сты  «Пэтриоты» системæтæй архайын.  Уыдон  ахуырадон курс, 10 къуырийы бæсты   аст къуыримæ  фæуд кæнынц.

Медиафæрæзты хъусинагæй, «Пэтриоты» типы  ракетыныхмæ  системæтæй  Украинайы архайын цалдæр   къуыримæ  райдайдзысты.

«CNN»-ы  информацийæ,  АИШ  афтæдæр фæтагъд кæндзæн   Украинайæн   «Абрамсы»  типы  танкты алæвæрды  процесс дæр.