«CNN» - АИШ НАТО-йы коллективон бюджетмæ бафидинагы фæкъаддæр план кæны, æмæ уыцы æхца Украинæ æмæ Гуырдзыстоны програмæтыл бахардз уыдзæн
«CNN» – АИШ НАТО-йы коллективон бюджетмæ бафидинагы фæкъаддæр план кæны, æмæ уыцы æхца Украинæ æмæ Гуырдзыстоны програмæтыл бахардз уыдзæн
Дональд Трампы администраци НАТО-йы коллективон бюджетмæ бафидинагы фæкъаддæр план кæны, æмæ уыцы æхца Украинæ æмæ Гуырдзыстоны програмæтыл бахардз уыдзæн. Информаци уый фæдыл телекомпани «CNN» парахат кæны.
Æхца кæцыйы экономи дæр сырæздзæн, уыдзæн хардз Европайы æфсæдтон æмæ æдасдзинады сфераты, се æхсæн Украинæ æмæ Гуырдзыстон.
Информаци уый фæдыл æмæ Вашингтон, альянсы бюджетмæ контрибуцийы фæкъаддæр палн кæны, телекомпанийæн НАТО-йы уæвæг информатор бæлвырд кæны.
Ацы рæстæгмæ АИШ-ы контрибуци НАТО-йы бюджетмæ 22% уыд. НАТО-йы бюджет 2,5 миллиард доллар у æмæ хардз кæны НАТО-йы уæнг бæстæты националон бюджеттæй цæуы æххæст.
Уæвæг инофрмацимæ гæсгæ, Трампы администраци бюджеты сæрмагонд хай 16% онг фæкъаддæр кæндзæн æмæ Германийы хайимæ сраст уыдзæн, кæцы 14% у.