Регионон тынгады æмæ инфраструктурæйы министрад Цъхънети-Самадлойы æмæ Цъхънети- Ахалдабайы цыппаркилометры дæргъы автомобилон фæндаджы реабилитаци фæцис.
Фæудгонд фæндаг Гуырдзыстоны инфраструктурæйы министр Майя Цкитишвили, Тбилисы мэр Каха Каладзе, æмæ Европæйы Инвестицион Банчы минæвæрттæ абæрæг кодтой. Фæндаджы реабилитацийы баст уыдысты фæсарæйнаг эксперттæ Германийæ, Туркæй, Австрийæ æмæ Уæрæсейæ.
Гуырдзыстоны регионон тынгады æмæ инфраструктурæйы министрады информаийæ, фæндаг зынвадат кæй уыд уый тыххæй, арæзтады процессы рæстæджы зæрдыл бадардтой æдасдзинады мадзæлттæ максималонæй:
- Сырæзт специалон хызæгтæ, кæцы уромы стыр инерцийæ змæлæг дуртæ. Ацы метод ныры онг нæ уыд Гуырдзыстоны апрбробиргонд æмæ хаст æрцыд Европæйæ;
- Смонтаж ис развæлгъау хъусынгæнæн системæтæ, кæцытæ чысыл массæты змæлды рæстæджы дæр, сигнал дæттынц, фæндаджы æрбацæуæны æмæ рацæуæны монтажгонд шлагбаумтæн æмæ автоматонæй æхкæнынц фæндаг;
- Арæзтады процессы иртаст æрцыд лæбырды бынаты фидардзинады коэффициэнт, кæцы йæ хъуыды дары сейсмикон схуыстытæ аст баллæй æмæ гидрологион æлхъывд. Иртасæны фæстиуæгæн рабæрæггонд зæрдæхсайæг зонæты фæхуынкъ к одто æмæ цъæрттæ фæфидар кодтойю
Проект сæххæст Европæйы Инвестицион Банчы (EIB) финансон æххуысæй æмæ йæ æппæтон аргъ 29 милуан ларийæ ахызт.
Цъхънети-Самадлойы æмæ Цъхънети-Ахалдабайы фæндаг, 2015 азы 13 июны стихийы фæстиуæгæн базиан ис æмæ йæ реабилитацийæн бахъуыд 14 мæйы.