Citroen  - Компани  Citroen Georgia  нæ брендимæ баст нæ уыдзæн
Citroen - Компани Citroen Georgia нæ брендимæ баст нæ уыдзæн

Automobiles Citroen SA цух кæны цыфæнды бастдзинад компани  Citroen Georgia-ы  гом базары  контексты  арызт  кæцыфæнды  комерцион   æнхъарæнимæ.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Францы  минæварады  фидиуæны  мидæг дзырдæуы.

«Компани  Citroen Georgiа  нæ уыдзæн  баст  Citroen-ы брендимæ, уымæн æмæ  Automobiles Citroen SA-ы æмæ   фæнысангонд  юридикъон  уæнгы æхсæн нæ уыд  æмæ  нæй  ницы барадон   ахастытæ.

Фæнысангонд  юридикъон   уæнг  нæ уыдис  æмæ нæу  Гуырдзыстоны  территорийыл   легалон   минæвар,  авторизацигонд импортер  æмæ  ифтонггæнæг.  Automobiles Citroen SA-цух кæны цыфæнды  бастдзинад компани  Citroen Georgia-ы   гом базары  контексты   арызта кæцыфæнды  коммерцион  æнхъарæимæ» – фæнысангонд у  фидиуæны.

Компани Citroen Georgia  Гиа Гачечиладзейы сиахсы, Гиорги Шарашидзейы  сæрмагонд у.  Компани  паддзахадон  æрылхæды  агентады æнæзакъонон   скуыддзагыл дауу кæны æмæ   картелон  бадзырдты  кой кæны.  Гиорги Гачечиладзейæн дзуапп ратта бæстæйы премьер-министр, æмæ дзырд ратта, цæмæй тæрхондоны  руаджы  аххосæгты  сбæлвырд кæныны  цауы, йæ  постæй  йæхи суæгъд кæндзæн.