Цъилосани Хатиа – Евросоветы министрад алы хатт дæр снысан кæны боны фæтк, кæцы нысаниуæгджын у уæнг бæстæтæн æдтаг политикæйы æрдгæй
Министриалы фæлгæтты дывæрсыг фембæлдтæ сырæздзысты нæ хæлар бæстæты уæлдæр бæрнонтимæ, Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын фарстатыл дæр уыдзæн уынаффæ – расидтис Евросоветы Гуырдзыстоны минæвар Цъилосани Хатиа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, министрады ныхас Украинæйæн фарсылхæцындзинады, миграцийы фарстатыл уыдзæн.
«Евросоветы 135-æм министрады фысым кæны Молдова, цы ран 46 бæстæйы политикон бæрнонтæ æмæ минæвæрттæ уыдзысты æвдыст.Фембæлдыл Гуырдызстоны делегацийы минæвæрттæ уыдзæн премьер-министры хæдивæг æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили, кæцы йæ хъус дардзæн алы фарстайыл, кæцытæ абон бæстæйæн актуалон сты куыд бæстæйæн, афтæ дæр йæ позици раст кæнынæн. Украинæйæн æмæ миграцийæн фарсылхæцындзинады фарстатæ Афтæ дæр нысаниуæгджын у фæсарæйнаг хъыгдард æмæ информацион манипуляциимæ баст фарстатæ райтынг кæнын.
Евросоветы министрад алы хатт дæр снысан кæны боны фæтк, кæцы нысаниуæгджын у уæнг бæстæтæн æдтаг политикæйы здæхты. Нæ хæларадон бæстæты бæрзонддæр бæрнонтимæ фембæлдтытæ уагъд цæудзысты дывæрсыг форматы. Фембæлдты рæстæджы æппæт нысаниуæгджын фарстатæ, кæцытæ баст сты нæ хæлæрттимæ куыд бæрнон æхсæнадæмон партнеримæ, Гуырдзыстоны дæргъвæтин æмкуыстдзинадимæ баст уыдзысты», -расидтис Цъилосани.