Цъилканы Арчил Татунашвилийы номыл сквер байгом ис
Арчил Татунашвилийы лæгмардæй дыууæ аз аивгъуыдта. Абон Цъилканы гуырдзийаг хъæбатыры номыл сквер байгом ис. Скверы баконд Арчил Татунашвилийы бинонты уæнгтæ, бафидауын æмæ гражданон æмбарады фарстаты паддзхадон министр Кетеван Цихелашвили æмæ премьер министры амонæг, Созар Субари райстой хайад.
Окупиргонд Цхинвалы хицауад Арчил Татунашвилийы 2018-æм азы 22-æм февралы, Ахалгоры æрцахстой. Фæстæдæр та зындгонд сиис, цæмæй уый Цхинвалы рынчындоны амард. Арчил Татунашвилийы марды буар бинонтæн 2018-æм азы 20-æм марты алæвæрдтой. Буарыл уыд нысангонд бирæхуызон зиæнттæ.