Чырыстон аргъуан абон Светицховлоба нысан кæны
Гуырдзыстоны чырыстон аргъуан абон Светицховлоба нысан кæны.
Бæрæгбонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илиа Дыккаг Светицховелийы кафедралон аргъуаны литурги сыххæст кæндзæн.
Куывды фæуды фæстæ, Илиа Дыккаг адæмæн бæрæгбон раарфæ кæндзæн æмæ традицион ныхæсæй басиддзæн.
Светицховлобайы бæрæгбон афæдзы дыууæ хатт нысан кæнынц, 14-æм октябры æмæ 13-æм июлы.