Чъиатурайаг   æрзæткъахджытæ  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  эфиры сæрмагонд  æркуырдты  фæдыл  фидиуæн сарызтой
Чъиатурайаг æрзæткъахджытæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы эфиры сæрмагонд æркуырдты фæдыл фидиуæн сарызтой

Чъиатурайаг  æрзæткъахджытæ  протестон   акцитæ  дарддæр кæнынц.  Уый абон  цыд сарызтой   Гуырдзыстоны  парламенты бæстыхайæ, «Джорджиан Манганезы»  сæйраг офисы æрдæм.

Акцийы  хайадисджытæ  уыдысты Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  бæстыхайы цур, уыдон  Уацхæссæджы  комкоммæ   эфирæй сæйрагом æркуырдты фæдыл   фидиуæн  сарызтой.

Акцийы  иуæй-иу  хайадисæг   Симон  Микацадзы куыд райхуъсын кодта афтæмæй,   æрзæткъахджытæ  домынц мыздты  20 процентæй  фæфылдæр кæнын  æмæ  афтæма  медицинон   фæдзæхст.

«Курæм  цæмæй  алы  шахтæй  кусæгы  банымайой  цытджын адæймагыл  ис нын  мизерон   æркуырдтæ,  кæцытыл 2019  азы дæр дзырдтам æмæ нæ йеуæддæр фæсайдта  компани.  Нæ æркуырдтæ  сты ахæм: мыздты  фæфылдæр кæнын 20 процентæй,  нормалон,  сыгъдæг горæт  æмæ  медицинон фæдзæхст.  Мызды   5% рæзт махæн нæрайсгæ у» – райхъусын кодта уый.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ протестон    акцитæ  адарддæр уыдзысты  æркуырдты  фæстагмæ сыххæст кæныны онг.

«Æздæхæм  парламенты  цур территоримæ, нæ  хъæлæс  хъуамæ  фехъуса  уыцы  адæм, кæмæндæриддæр раттам мандат,  кæй сывзæрстам уыдон.  Фыццаджы дæр  хъахъхъæд хъуамæ уа  адæймаджы фæллойады бар», –  райхъусын кодта  акцийы  хайадисæг.

Чъиатурайы æрзæты кусджыты  куыстурæд  нырид 15-æм бон у  цы  даргъ кæны.