Цъеретелийы проспектыл цæугæ куыстыты фæдыл, æхсæнадон транспорты маршрут рæстæгмæ уыдзæн ивд
Цъеретелийы проспектыл цæугæ куыстыты фæдыл, æхсæнадон транспорты маршрут рæстæгмæ уыдзæн ивд
Тбилисы мэрийы фидиуæнмæ гæсгæ, Цъеретелийы проспектыл цæугæ куыстыты фæдыл, æхсæнадон транспорты маршрут рæстæгмæ уыдзæн ивд. Сæ хъусинагмæ гæсгæ, куыстытæ кæронбæттæн этапыл сты.
20-æй 22-æм январы онг æхсæнадон транспорты маршрут уыдзæн ивд.
Сæрмагондæй, №311, 327 автобустæ æмæ №458, 476, 504 микроавтобустæ даргъ кæнынц змæлд Цъинамгъвришвили, Цибадзе æмæ Агъмашенебелийы æрдæм.
Афтæ дæр ивд у № 536, 551 микроавтобусты змæлд, № 320 автобус æмæ № 536, 551 микроавтобустæ Агъмашенебелимæ нал бацæудзысты æмæ Тамар Мепейы проспектыл адаргъ кæндзысты змæлд.
№476, №458 микроавтобустæ Станцæйы фæзыуаты æрдæм змæлд Давид Хъипианийы уынгæй Агъмашенебелийы адаргъ кæндзысты.