Централон æвзарæн къамис публикаци кæны информаци  æвзарæн къамисты уæнгты хæстæ дих кæныны уагæвæрды тыххæй
Централон æвзарæн къамис публикаци кæны информаци æвзарæн къамисты уæнгты хæстæ дих кæныны уагæвæрды тыххæй

Бæрзонд æхсæнадон цымыдисмæ гæсгæ, æвзарæн администраци уæлæмхасæй æмбарын кæны ЦÆК-ы резолюциимæ баст фарстытæ, кæцы хаудзæн хæлттæ сисынмæ, цæмæй сбæрæг кæной Участкæйы æвзарæн къамисы уæнгты функцитæ. ЦÆК парахат кæны информаци уый тыххæй.
ЦÆК-ы информацимæ гæсгæ, резолюцимæ гæсгæ, афтæ дæр электронон æвзарæн фадгуыты, уыцы æвзарæн фадгуыты, кæцыты хъæлæсæппæрст уагъд цæуы традицион æгъдауæй, къамисы уæнгты функциты дих кæнын цæуы 7-æм бонæй фæстæдæр нæ хъæлæс кæныны размæ.
ЦÆК æмбарын кæны ацы ивддзинад райсыны æнæмæнгхъæуындзинад.
«Хъæлæс кæныны бон æвзарæн хайады райсомы процедурæтæ домынц бæрæг рæстæг, æмæ ахсджиаг у, цæмæй æвзарæн хайад цæттæ уа фыццаг æвзарæгимæ фембæлынмæ;
Ахсджиаг уыд иугъуызондзинады принцип сифтонг кæнын, цæмæй куыд технологон æвзарæн фадгуытæ, афтæ традицион æвзарæн фадгуытæ дæр уыдаиккой иугъуызон æвæрд. Æндæр æмæ æндæр æмгъуыдты хæлттæ сисыны процедурæтæ æххæст кæнын æркæндзæн æнæбастдзинадмæ æмæ гæнæн ис æмæ къуылымпы кæна æвзарæнон процессы организгонд ауадзынæн.
Ноджы иу хатт хъусын кæнæм, цæмæй æвзæрстыты бæрзонд профессионалон æмвæзадыл, дунеон стандарттæм гæсгæ ауадзын у æвзарæнон администрацийы сæйраг нысан æмæ администрацийы æппæт уынаффæтæ æмæ архайдтытæ ацы нысанæн лæггад кæнынц. Уыимæ иумæ зæрдыл æрлæууын кæнæм æмæ сидæм баст фарсытæм, цæмæй нымадмæ райсой, цæмæй æвзæрстытæ сты иумæйаг хъуыддаг æмæ æнæбындур расидæнтæй ма хъыгдарой æвзарæнон уавæр», – ис фыст ЦÆК-ы рапарахатгонд информацийы.