Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы цур оппозицийы фарсхæцджыты акци ацыд.
Параллелонæй ЦÆК-ы цæстдарæг организациты минæвæрттимæ фембæлд цыд.
Акцийы хайадисджытæ Цæк-ы бацæуæны цур арызт æфсæйнаг æмбондыл дуртæ æхстой, хъусын кодтой, цæмæй «фальсификатортæ хъуамæ уой ахæстоны» æмæ дзырдтой, цæмæй ацы формæйæ сæ фæндыд ЦÆК-ы уæвæг уæнгты онг фехъусын кæнын сæ хъæр.
ЦÆК-ы бæстыхайы цур мобилизацигонд уыдысты пъæлицæйæгтæ.