Цъаленджихайы  дохтыр  Важа  Гаприндашвилийæн фарсхæцæг  акци ацыд
Цъаленджихайы дохтыр Важа Гаприндашвилийæн фарсхæцæг акци ацыд

Цъаленджихайы   муниципалитеты гражданон  змæлд «Хма»   ауагъдта  акци-веломарафон.

Змæлды  организацигондæй  фæсивæд  велосипедтыл   хъæу  Джварийæ  хъæу Мужавайы  сых  Цъоумæ  араст сты,  кæцы  оккупацигонд  Галы хъæу Сабериойы  арæнгæрон у.

Акцийы  хайадисджытæ  оккупацион  режимы  æнæзакъононæй  ахст  дохтыры  Важа  Гаприндашвилийы   æнæуæлдайныхас ссæрибар кæнын  куры.

Гражданон   змæлды  уæнгтæм семæ  уыд    Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы  тырысатæ,  транспаранттæ фыстæй –  «Уæрæсе Оккупант у», «Солидарондзинад  Важа дохтырæн»,  «Абхаз Гуырдзыстон у»  «Самачабло Гуырдзыстон у».

«Акцийы  сæраг мысан уыд, фæсивæды  æхсæн мотиваци сцырын кæнын,  Гуырдзыстон  ссиу кæнын  нæ фæлтæры  рард у.   Ацы  æвзонгты  ма  хъуамæ  бахъæуа  оккупацийыл  мæт кæнын.   Гуырдзыстон мах  хъуамæ  ссиу  кæнæм» – райхъусын кодта  гражданон змæлд  «Хма»-ы  бындурæвæрæг  Бачо Кантариа.