Цæмæн  хъуамæ раргъæвай Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналмæ – ног гуырдзиаг  сериалтæ
Цæмæн хъуамæ раргъæвай Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналмæ – ног гуырдзиаг сериалтæ

16 сентябрæй   Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  йæ кæсджытæн  гуырдзиаг  документалон  æмæ аивадон  сериалтæ  банхъардзæн.  Фыццаг хатт Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  историйы,  гуырдзиаг  оригиналон продукт  æрвылбойнон  режимы  уыдзæн  прайм-таймы.

 Алы  къуырисæр æмæ дыууæджы, 22:00  сахатыл  кæсджытæн уыдзæн фадат  феной  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  ног документалон сериал  «Булкъоны пыскъуыл фыстæджытæ», кæцыйы режиссер  Гиорги Барабадзе,  æрмæст сценарийы  автор та у  Миша Басиладзе. Документалон сериал æнцой кæны  «Фыссджыты хæдзары»   вентиляцион хæтæлы  ссаргæ  фыстæгыл, кæцыйы  англисаг  комисар  Сатокс сæрмагонд бæстæмæ æрвыста.  Фыстæг  Гуырдзыстоны уыцы рæстæгон  истори, бынтон æндæргъуызон æвдисы. 16-серийæ  проекты фæуды фæстæ,   уыйы  эфиры  ноджы иу ног   оригиналон гуырдзиаг докмуенталон  сериал, Ака Морчиладзейы æмæ Кетеван   Садгъобелашвилийы  «Тбилисы къулдуары цур»  фæивдзæн.

Гуырдзиаг сериалты  хахх  октябрæй  алцы  æртыццæджы, цыппæрæмы æмæ майрæмбоны, Фыццаг Къаналы  аивадон  сериал  «Идеалон Мад»  адарддæр кæндзæн. Сериал эфиры  ранæуæггонд форматæй  ацæудзæн  æмæ 15 минуты бæсты,  хронометражæй  суыдзæн  æрдæгсахатон.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  генералон директоры  фыццаг хæдивæгы  Тинатин Бердзенишвилийы  дзырдæй,  Телеуынынады  уникалондзинад, растдæр  йæ  арызт  бæрзондгъæдон  æмæ  оригиналон  продуктæй у бæрæг, кæцы  амонынц гуырдзиаг сериалтæ.

Тинатин Бердзенишвили: «Ай ахæм продукт у, кæцы  иу хаттон  кæсынæн  нæу. Ног сериалтæ æвзæрын кæнынц аргъдзинад, кæцы æмбæлон у попкультурæмæ æмæ уый тыххæй  дæр,   нырыккон телеуынынады  æркуырдтæм.  Документалон  сериалтæ  радзурынц  гуырдзыстоны  культурæ æмæ   историйы тыххæй  æмæ уырæнг  дæн,  сæ алкæцы дæр,  кинематографийы  аккаг  бынат бацахсдзæн  æмæ бафæраздзæн рæстæгæн. «Идеалон мадæй»  мах ног, 15 минутон  телеуынынадон сериалы  формат æрфидар кодтам, ацы  аз та, нын  уыдзæн ноджы  фылдæр хъауджы  формат».

Тинатин Бердзенишвилийы  дзырдæй,  Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы  æрвитæггаг кæсджытæм ахæм у: «Кæд уæ  фæнды,  алы бон  22:00 сахатыл   хæрхъæд  гуырдзиаг  æмæ оригиналон  продуктмæ бакæсат, уæд хуымæтæгæй,   раргъæвут  Фыццаг Къаналмæ.

Гуырдзыстоны фыццаг КЪаналы  телеуынынадон   къаналты  къухдариуæггæнæг Русудан Манджгаладзейы  дзырдæй,   ацы  аз Фыццаг Къанал   базармæ  æндиуд куырдиатæй  бахиздзæн.

Русудан Маджгаладзе: «Ацы аз  кæсджытæн æцæгдæр тынг цымидисон  продукттæ  æнхъарæм. Телеуынынад  ныæндиуд  къахдзæф  сарызта  æмæ  прайм таймы  оригиналон æмæ  гуырдзиаг   продукт равæрдта,   кæцы  ноджы  иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй  Æхсæнадон Телеуынынад  растдæр  ацы æрдæм, хиæн кæны  æндæр телеуынынадтæй.  Адон сты  проекттæкæцытæ тынг хъал стæм».

Афтæмæй, ног сезонмæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  фылдæр гуырдзиаг  аивадон  æмæ  документалон  сериалимæ бахиздзæн. Эфиры  баххæст кæндзæн   æхсæнадæмон æмæ  оригиналон форматы  æндæр проекттæй дæр.