Цæмæй 1700 æрцæуæггаг бинонтæн бынат уа, уый тыххæй Зугдиды арæзт æрцæудзæн авд бирæуæладзыгон хæдзар
Цæмæй 1700 æрцæуæггаг бинонтæн бынат уа, уый тыххæй Зугдиды арæзт æрцæудзæн авд бирæуæладзыгон хæдзар

Цæмæй 1700 æрцæуæггаг бинонтæн бынат уа, уый тыххæй Зугдиды арæзт æрцæудзæн авд бирæуæладзыгон хæдзары. Уый фæдыл информаци парахат кæны окупиргонд территоритæй æрцæугæ, фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъæды министрад.
Уагдоны информацийæ, цæттæгæнæн куыстытæ ныридæгæн фæцис æмæ хæстæгдæр бонты райдайдзысты арæзтад, æмæ проекты аргъ у 191 милуан ларийæ фылдæр.
«Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзагмæ гæсгæ, 2023-æм азы æнæпрецедентон масштабон æрцæрыны программæ райдыдта. Проекты фæлгæтты, æдæппæтæй 13 мин æрцæуæггаг бинонтæ райсдзысты цæрæн бынат» – банысан кодтой уагдоны информацийы.