ЦÆК-ы рабадт даргъ кæны
Боны фæткъмæ гæсгæ, рабадтыл комисы уæнгтæ 22 фарстайыл хъуамæ фæуынаффæ кæной. Фыццаг фарста, кæцыйы фæдыл комис фæуынаффæ кæндзæн, опозицион партиты æвзарæнон комистæй ист хаццæгон документтæ опозицион партиты хъастыты бакаст.
Рабадтыл комисы уæнгтæ афтæ дæр хъуамæ схаццæг кæной 2020 азы 31-æм октябры æвзæрстытæн æндæр паддзахдты арæзт æвзарæон сыхты халæппæрсты фæстиуджытæ. Боны фæткъæй хъуамæ схаццæг уа пропорцион æвзарнон системайæ уагъд æвзæрстыыт фæстиуджытæ, афтæ дæр мажоритарон системайæ уагъд фыцаг туры фæстиуджытæ æмæ хъуамæ фæуынаффæ кæной мажоритарон æвзарæнон системайæ дыгкаг туры снысаны фæдыл.
Абоны рабадтыл хайад райсдзысты опозицион партиты бæрнонтæ дæр. ЦÆК –ы сты «Европон гуырдызстоны» уæнгтæ, кæцытæ план кæнынц уыцы хъастытыл ныхас кæнын, кæцытæ сæхи æрдвгæй уыдысты хаст. Уыдон æртын æвзарæнон сыхы курынц хъæлæсты анулирдзинад.