ЦÆК-ы  Европæйы æмæ АИШ-ы  æнæхицауадон секторы, медиайы минæвæртты æмæ раздæры дипломаттимæ фембæлд ацыд
ЦÆК-ы Европæйы æмæ АИШ-ы æнæхицауадон секторы, медиайы минæвæртты æмæ раздæры дипломаттимæ фембæлд ацыд

Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы  сæрдар Гиорги Каландаришвили æмæ йæ   хæдивæг Гиорги Шарашидзе АИШ-ы æмæ  Европæйы æнæхицауадон  секторы,  медиайы минæвæрттимæ æмæ   раздæры дипломаттимæ фембæлдысты.  Информаци уый тыххæй  хъусын кæны ЦÆК.

Уагдоны хъусинагæй,  фембæлды  сæйраг темæ 2024 азы  æвзæрстытæ  уыд. ЦÆК-ы  сæрдар   делегацийы  уæнгтæн  æвзæрстыты  бæрзонд профессион   æмвæзадыл,  æхсæнадæмон стандарттæм   æмбæлгæйæ  ауадзынæн    æвзарæнон адинистрацийы  сæххæст   æмæ цæугæ    куыстытæ   баонын кодта. Уый ма  афтæдæр партиты  регистрацийы   процессы  фæдыл  уæвæг уавæрыл æмæ  партион  номхыгъдты   фарстатыл  фæныхас  кодта.

«Фембæлды рæстæджы  фарсытæ  иурæстæгонæй   фæныхас кодтой бынæттон  цæстдарæг организациты регистрацийы æмæ  электронон   æвзæрстыты  æрдгæй  æвзæрстгæнджыты информир кæныны  фарстатыл. Гиорги Каландаришвили   банысан кодта, цæмæй   æвзарæнон администраци  райы    объектвон цæстдарæг   мисииты уæвынæй  æмæ   цæстдардæй, кæцы æвзæрстыты   æххæстæй  сæнæмæткæнынæн нысаниуæгджын компонент у.

Фембæлдыл фарсытæ  афтæдæр  деталонæй æркастысты  электронон  æвзæрстытимæ баст фарстатæ.  Гиорги  Каландаришвили  сын базонын кодта  ацы  æрдгæй  уæвæг ногдзинæдтæ.   Уыимæ иумæ, делегацийы уæнгтæн уыдис фадат   сæхæдæг   бафæлвæрдаиккой    версификацийы æмæ хъæлæс кæныны   аппаратты  куыст æмæ хаад райстаиккой  имитацигонд  хъæлæскæнынады», – дзырдæуы  ЦÆК-ы  ахæлиугонд  информацийы.