ЦÆК- æвзарæнон администраци цæттæ у цыфæнды сабырадон форматы, æндæр æмæ æндæр фарсы хайадæй, æвзарæнон фарстæтимæ баст кæцыфæнды темæйыл ныхас кæнынмæ
Централон Æвзæрстгæнæн Комисси 8 ноябры ЦÆК-ы бæстыхайы цур айтынггонд фæзындты фæдыл фидиуæн аразы.
Цæк-ы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уыдон зæгъгæ нымайынц, цæмæй зноны фæзындтæ сты æвзарæнон администрацийыл æлхъывды æмæ уæлæндæвды нæрайсгæ формæ, кæцы нырид цалдæр бон у дарддæр кæны æвзарæнон администрацийы ныхмæ, уый нымæц зылды æвзарæнон комисситы.
«Фæнысан кæнын хъæуы, цæмæй 2020 азы æвзарæнон процесстæ нырма нæ фесты, нырма æрмæст развæлгъау фæстиуджытæ сты бæрæг. Ацы этапыл æндæр æмæ æндæр барадон процесстæ цæуынц куыд зылды æвзарæнон комисситы, афтæ тæрхондæтты. Сбæрæг ис хатдзæгонд протоколты хай, æндæр æмæ æндæр зылды ногæй бахыгъд сты фадгуыты официалон фæстиуджытæ. Фæлæ хъыгагæн, конкретон политикон фарсыты æрдгæй бæрæг у цæугæ барадон процессты хъыгдард, кæцы, кæй зæгъынæй хъæуы, æвзæрын кæны фарстытæ, у хæдбар институцийы ном барæй дискредитацидзинад æмæ нæ бады уыцы барадон формæтæм, кæцы нысаниуæгджын у процессмæ æууæнкы цæстæнгасæй» – дзырдæуы ЦÆК-ы фидиуæны.
Афтæма сæ информацийæ, «Æвзарæнон администраци дарддæр кæны кусын, цæмæй балæггад кæна адæмæн æвзæрстыты дыккаг туры, цæмæй фæуа 2020 азы парламенты æвзæрстыты алы процесс, конституци æмæ бæстæйы законддæтынадмæ куыд æмбæлы афтæ».
«Уымæ гæсгæ дæр, курæг стæм, алы фарсæй æмæ алы интересджын уæнгæй, къухацаразæт Гуырдзыстоны æмбæстæгты æвзарæнон барты реализацийæн.
Æмæ фæстагмæ, æвзарæнон администраци цæттæ у, кæцыфæнды сабырадон форматы, æндæр æмæ æндæр баст фарсы хайадæй, æвзарæнон фарстæтимæ баст кæцыфæнды темæйыл ныхас кæнынмæ. Курæг стæм æхсæнадæмон партнертæй æмæ бынæттон æнæхицауадон организацитæй, къух ацаразæт диалогæн, кæцы нысаниуæгджын у æмбæстагон разындзинадæн бæстæйы», – банысангонд у ЦÆК-ы фидиуæны.