ЦÆК æхсæнадæмон организацитæм æмæ дипломатон корпусмæ сиды, цæмæй 16-æм ноябры фембæлдыл æрцæугæ факт æнæхъусардæй ма ныууазой
ЦÆК æхсæнадæмон организацитæм æмæ дипломатон корпусмæ сиды, цæмæй 16-æм ноябры фембæлдыл æрцæугæ факт æнæхъусардæй ма ныууазой

ЦÆК æхсæнадæмон организацитæм æмæ дипломативон корпусмæ сиды, цæмæй 16-æм ноябры фембæлдыл æрцæугæ факт æнæхъусдардæй  ма ныууазой. Уый фæдыл ЦÆК-ы абон расидæн сарæзта централон æвзарæнон къамисы сæрдары хæдивæг Гиоргий Шарабидзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, афтæ зыны, цыма интересджын фарсытæ, кæцытæн нæу сæ бон сайды аххосæгтæ факттæй сбæлвырд кæной, сæрмагонд бырстытæй æмæ дискредитацион кампанитæй æмæ æгадгæнæг митæй архайынц æхсæнады цы æнкъарæнтæ сæ фæнды, уыдон сцырын кæнын.

Уæлдæр æрнымадгондмæ гæсгæ, сидæм дунеон организацитæм æмæ дипломативон корпусмæ, цæмæй саргъ кæной инцидентæн æмæ æргомæй зæгъой, куыд æмбæлы протесты æхсæнадæмон æмæ европæйаг стандарттæм. Ам нæ фæнды бузныг зæгъын нæ фæсарæйнаг коллегæтæн, æндæр бæстæты æвзарæнон администрациты минæвæрттæн сæ фарсылхæцындзинад æмæ æмзæрдæдзинады тыххæй. Сæ фарсылхæцындзинад нысаниуæгджын у æвзарæнон администраторты хæдбардзинад бахъахъхъæнынæн æмæ æдас æмæ æнæниз æвзарæнон уавæр сифтонг кæнынæн Гуырдзыстоны æмæ æндæр рæтты.

«Æвзарæнон администрирдзинад фидарæй лæууы йæ миссийы, дезинформаци æмæ æлхъывдады æртхъирæнтæм æнæкæсгæйæ, демокративон принциптæ, æргомдзинад æмæ дзуапдæттæндзинад бахъахъхъæнын», – райхъусын кодта Шарабидзе.

Централон æвзарæнон къамисы, æвзæрстыты хатдзæггæнæн рабадтыл, «Иудзинад – националон змæлд»-ы минæвар, Киртадзе Давит, ЦÆК-ы сæрдар, Гиорги Каландаришвилийыл æбæрæг буарад бапырх кодта. ЦÆК-ы апелляцийы бындурыл, мидхъуыдтæгты министрад æнæбары къаддæр уæззау зиан æнæниздзинадæн зиан хæссыны статьямæ гæсгæ фæдагуырд райдыдта.