Цæгат Кореяйы хъусын кæнынц, цæмæй ракетон ауадзæн пунктæй «нысаниуæгджын фæлварæн» сыххæст кодтой
Официалон Пхеньяны инфоормацийæ, бæстæйы цæгат-ныгуылæны уæвæг Сохэйы ракетон ауадзæн пунктæй «нысаниуæгджын фæлварæн» сæххæст кодтой.
Цæмæй цавæр тестирдзинад ацыд полигоныл бæрæг нæу. Цæгат Кореяйы официалон уæнгтæ куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, фæлварæны фæстиуджытæ æввахс фидæны, нысаниуæгджынæй бандавдзысты Цæгат Кореяйы стратегион позицийы ивдмæ.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй фæлварыны фæдыл информаци уый фæстæ ахæлиу ис, иу бон рахдæр ИНО-йы Цæгат Кореяйы минæвар куы райхъусын кодта, цæмæй атомон хотыхтæй сæвæдлон кæныны фæдыл АИШ-мæ бадзырдтæ боны фæткы нал лæууынц.
Эксперттæ æнхъæлынц цмææй Пхеньян ракетæйы змæлынгæнæны статикон тест сыххæст кодта.