Цæгат-атлантикон  альянс арæнгæрон уырыссаг  æфсæддон авиацийы  æнахуыр активондзинады  тыххæй  хъусын кæны
Цæгат-атлантикон альянс арæнгæрон уырыссаг æфсæддон авиацийы æнахуыр активондзинады тыххæй хъусын кæны

Цæгат-атлантикон  альянс арæнгæрон уырыссаг  æфсæддон авиацийы  æнахуыр активондзинады  тыххæй  хъусын кæны.  Уый фæдыл фыссы «ВВС».

НАТО-йы информацийæ, 29 марты уырыссаг  хæдтæхджытæ рацахсынæн  альянсы  хæдтæхджытæ  6 сахаты мидæг  10 атахт сыххæст кодтой.

Цæгат-атлантикон   альянсы  хъусын кæнынц, цæмæй  уырыссаг «ТУ-95»-ы типы  стратегион æмæ   «Ту-160»-ы  типы  уæлзæлон  бомбæкалæн хæдтæхджыты  активондзинад  Цæгат  Атлантикæйы, Цæгаты денджызы, Балтийы Денджызы æмæ   Сау Денджызы  фæбæрæг ис.

Брюсселы  информацийæ,   уырыссаг æфсæддон  хæдтæхджытæ  альянсы  уæнг  бæстæты  уæлдæфон  тыгъдадмæ  нæ  бахыстысты, фæлæ транспортеры  къодты  алæвæрдыл Мæскуы  не сразы  ис,  цæмæй дæр  бæлццонон  тахтытæн потенцион тас  сæвзæрын кодта.