Бындурæвæрд æрцыд «Лело Гуырдзыстоны тыххæй»,кæцымæ иу кæнынц «Арæзтады Змæлды» æмæ «Ног Рахизты» уæнгтæ

Ног политикон  иугонд  «Лело Гуырдзыстоны тыххæй»  æрцыд бындурæвæрд.   Политикон  партийы  сæрдар   Мамука Хазарадзе,   генералон  нымæрдар  та  Бадри Джапаридзе   уыдзæн.

Партийы  бындурæвæрджытæ   афтæдæр  сты  «Арæзтады  Змæлды»  æмæ  «Ног Рахизты»   уæнгтæ.   Партий  «Ног Рахизтæ» нал  уыдзæн æмæ йæ  лидертæ   суыдзысты   ног  политикон иугонд «Лело Гуырдзыстоны тыххæй»-ы  уæнгтæ.

Ног партийы   уæнгтæ  дзурынц,  цæмæй   политикон  блокты  ныхмæ  не сты, фæлæ  иу  партийы   ссиу кæнын  нысан кæны  уый  цæмæй   идеяйы  тыххæй   баиу рæстæгмæ фæзынд нæу.

«Лело Гуырдзыстоны тыххæй»-ы  уæнгты ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  сæ нысан у  фидæн   парламентон æвзæрстыты  фæуæлахиз æмæ  хицауады  скомплект кæнын.