Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Гиорги Цъоцъкъолаури Дигъомы олимпион сыхы быдырон госпиталы абæрæг кодта. Гиорги Цъоцъкъолаури хъусын кæны, цæмæй быдырон госпиталы мобилизацигонд у алы хъæугæ аппаратурæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ бахъуаджы цауы, быдырон госпиталты астæуккаг уæззау пациентты схуыссын кæндзысты.
«Æнæнизхъахъхъæды министрады кусджыты фæрцы дыууæ бонмæ бантыстис быдырон госпитал срæвдз кæнын. Нымад у 500 пациентыл. Мобилизцигонд у алы хъæугæ апаратурæ, уый нымæцы, лабораторион дæр. Алы сынтæгæн ис туаггуырдæттæг гарзæг. Куы бахъæуа, цæттæ стæм нæ цæрджытæн балæггад кæнын æмæ мачи баззайæт медицинон æххуысæй цух.
Быдырон госпитал мобилизацигонд у уыцы моментмæ, æнæнæмнгхъæугæ куы бауыдзæн уæд. Ис нын уый фæлтæрд æмæ куы бахъæуа, нæ бон у, максималонæй цыбыр рæстæгмæ æндæр æмæ æндæр горæтты срæдзв кæнæм быдырон госпиталтæ. Фæнды мæ бузныг зæгъын æнæнизхъахъъхæды министрадæн æмæ Республикон рынчындоны кусджытæн ацы зынаргъ куысты тыххæй», – фехъусын кодта Гиорги Цъоцъколаури.