Брюсселы абон Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы æстæм рабадт ацæудзæн, кæцыйы хайад райсдзæн Ираклий Къобахидзе
Брюсселы абон Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы æстæм рабадт ацæудзæн.
Евроцæдисы советы прессрелизы куыд дзырдæуы афтæмæй, рабадт Брюсселы рæстæгæй 11:00 сахатылрайдайдзæн. Рабадтæн къухдариуæг кæндзæн Евроцæдисы фæсарæн-политикон уагдоны къухдариуæггæнæг Жозеп Борел, æрмæст Гуырдзысотны делегацийы къухдариуæггæнæг ремьер-министр Ираклий Къобахидзе уыдзæн.
Рабадты фæстæ, премьер-министр Ираклий Къобахидзейы, фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинаы политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары Жозеп Борелы æмæ европаг сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты Еврокомиссары, Оливер Вархейы иумæйаг пресс-конференцийы ацæудзæн.
«Фембæлд фокусиргонд уыдзæн Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ ассоциацидзинады фæндагыл, политикон диалог æмæ реформæтыл, экономикон æмæ секторон æмгуыстадыл, базарады æмæ уыимæ иугонд фарстатыл æмæ конфликтты сабырæй алыг кæныныл.
Æхгæд фораты фембæлдыл Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ баивдзысты хъуыдытæ фæсарæн æмæ æдасдзинады политикæйыл, сæрмгаондæй та, регионон фарстатыл æмæ æмгуыстадыл æдасзинады æмæ хъахъхъæнынады сферæйы», – банысангонд у Евроцæдисы Советы прессрелизы.
Ираклий Къобаидзе премьер-министры рангы фыццаг визитæй Брюсселы ис.
Визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны хицауады сæрдар фембæлд ауадздзæн НАТО-йы генералон нымæрдаримæ, афтæма хайад райсдзæн НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадты.