Брюселы, Уæрæсейы ныхмæ вæрд санкциты адаргъы фæдыл абон фæуынаффæ кæндзысты
Брюселы, Уæрæсейы ныхмæ вæрд санкциты адаргъы фæдыл абон фæуынаффæ кæндзысты

Евроцæдисы лидертæ, Уæрæсейы ныхмæ вæрд санкциты адаргъы фæдыл фæуынаффæ кæндзысты. Организацийы уæнг бæстæты хицауады сæрдартæ æмæ президенттæ дыууæбонон саммитыл Брюселы æрымбыр сты. Евроцæдис æмæ Уæрæсейы æммахастыты саммитыл бакæсинаг темæты хай у. Раздæрон информацийæ, Уæрæсейы ныхмæ организацийы санкцитæ йæ тыхы баззайдзысты.  Евроцæдисы бæрнонтæ сидынц, цæмæй санкциты ситæн нæй бындур. Санкцитæ уыцы цауы санулир уыдзысты, кæд æмæ Уæрæсе Минскы бадзырд сыххæст кæндзæн – ахæм у Евроцæдисы ныхас. Европон советы президент, Дональд Тускы расидæнмæ гæсгæ,  саммитыл лидертæ  Минскы бадзырды имплементацимæ иумæ Германийы канцлер æмæ Францы президенты хаццæгмæ дæр байхъусдзысты.